«Ис ахæм адæмон æмбисонд «Мадæлон æвзаг – æнусон хæзна». Мадæлон æвзаг уарзон æмæ адджын кæмæн уыд, уыдонæй иу — Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, курдиатджын фыссæг, Чеджемты Зӕкæряйы фырт Ӕхсар. Ӕхсарæн йæ алы уацмысы дæр банкъарæн ис сыгъдæг уарзондзинад йæ Райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ. Хуымæтæг æмæ аив ныхасæй-иу буц кодта Чеджемы-фырт Ирыстон æмæ ирон адæмы, бирæ азты дæргъы æмбæлыд Иры къæсæртыл йæ фæлмæн æмæ удлæууæн фарн.
Чеджемты Æхсары рухс ном æнустæм цæрдзæн канд йæ хионты, йæ хæлæртты зæрдæты нæ, фæлæ йæ бирæвæрсыг сфæлдыстад уарзæг дзыллæйы зæрдæты. Нæ аивады æвæрæнты ис бирæ зарджытæ Æхсары ныхæстыл. Уыдонæй уын иу уæ размæ хæссæм.