Адæймаг фæцæры фондзыссадз азы æмæ йæ дæргъвæтин царды фондз хъуыддаджы нæ саразы. Фæлæ нæ равдысты хъайтар Чочиты Батрадзæй уый зæгъæн нæй.
Къорд азы фæкуыста фæндырдзæгъдæгæй Цæгат Ирыстоны Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы. Уый нæ, фæлæ ма йæ дæсны фæндырдзагъдæй бирæтæн сæ зæрдæты циндзинад райгуырын кæны. Абон цы куыст кæны, уыимæ та нæ зонгæ кæны йæ æрмадзы.