Ацы мæй 115 азы æххæст кæны, Дзæуджыхъæуы уынгты фыццаг трамвай куы ацыди, ууыл. Цæгат Кавказы республикæтæй ахæм хорзæх æрцыди æрмæст Ирыстоны! Уæд æфсæнвæндæгтæм рацыд 12 вагоны. Куыд сæмбæлыдысты Дзæуджыхъæуы трамвайы Депойы кусджытæ сæ бæрæгбоныл, ууыл чысыл фæстæдæр æрныхас кæндзыстæм не студийы уазæгимæ, ныр та уал нæ уацхæссæг цы æрмæг бацæттæ кодта, уымæ бакæсæм.
Нæ горæты зынтæй ис ацæуæн кæцыдæр районты. Цалцæг кæнынц канд фæндæгтæ нæ , фæлæ ма трамвайтæ кæуыл цæуынц, уыцы æфсæнвæндæгтæ дæр. Уый та ууыл дзурæг у. æмæ бæстон æрбынат кодта трамвай нæ горæты. Афтæмæй та ма цалдæр азы размæ дæр æлектрон транспорты уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыд. Пайда дзы нæй, зæгъгæ йæ айсынмæ хъавыдысты. Цавæр цæстæй каст уæд уыцы хъуыддагмæ, нае студийы уазаг «Владтрамвай»-ы вагæттæ цалцæггæнæн цехы бригадир Хуриты Хъазыбег.
Ростовы областы, Неклиновскийы районы уыди национ аивæдты фестиваль «Берега дружбы». Йæ вазыгджын хай уыди поэтикон тæлмæцты æмæ поэзийы конкурс-фестиваль. Архайдтой дзы 35 регионы. Фестивальы тыххæй мæнмæ гæсгæ цымыдисагдæр æмæ лæмбынæгдæр радзусты йæ архайджытæ: эстетикон хъомылады центр «Cфæлдыстад»-ы кусæг, 13-æм скъолайы ахуыргæнæг Танделаты Розæ, фестивалы архайæг Хуссаг Ирыстоны скъолайы ахуырдзау Зассеты Максим æмæ Максимы фыд Зассеты Мераб.
Алы ныййарæг дæр архайы йæ сабийы сомбоныл. Цæмæй йæ миддуне хъæздыг уа. Ууыл кусынц канд скъолатæ нæ, фæлæ ма культурæйы хæдзæртты кусджытæ дæр. Æмæ уæлдай ахджиагдæр вæййы ахæм культурæйы артдзæстыты уавæрмæ хъус æрдарын. Рахизфарсы районы Фарныхъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастытсты, сæ культурæйы хæдзармæ сын кæд базилдзысты, уымæ. Æмæ сыл уыцы хорздзинад æрцыди! Цалцæг кæнын æй райдыдтой! Фæлæ уын ныртæккæ равдисдзыстæм, арæзтадон куыстытæ дзы куы нæма райдыдтой, уæд бæстыхай цы уавæры уыди, уый. Не рмæджы сæйраг хъайтар та уыди йæ разамонæг Агънаты Зимфирæ.