Фæстаг цалдæр мæйы дунейы коронавирусы кой тынг арæх уыд. Уый бамбарæн дæр ис. Низ афтæ тыхджын уыд æмæ иу иннæйы фæдыл адæмы се`цæг дунемæ кодта. Фæлæ, нæ фыдæлты загъдау, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Ацы рын лæмæгъ кæнын райдыдта, дохтыртæ йын хос ссардтой æмæ йыл тых кæнынц. Уæлдай æхсызгон та уый у æмæ нын афоныл цы бæрæгбæттæ сбæрæг кæнын нæ бантыст, уыдон ныр скæндзыстæм.
Æвæццæгæн уæ, алчидæр бамбæрста, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы кой кæй кæнын, уый. Уымæй уæлдай ма хæстæгдæр хуыцаубоны бæрæг кæндзыстæм медицинон кусджыты бон.
Ацы къабазы специалисттæ та ныр уæлдай кады аккаг сты. Дохтыртæн æххуысыл æмæ Уæлахизы бæрæгбоныл уыдзæн абон нæ ныхас дæр.