Историктæ йын абон дæр раст аргъ нæма скодтой, афтæ ахсджиаг сын уыд. Кавказы цыд карз тох, бирæ туг дзы ныккалд. Чи фæмард æмæ чи фесæфт, уыдонæй сæ иуы ном дæр рох нæу. Дзæуджыхъæу та кадджынæй хæссы «Хæстон намысы горæт»-ы ном. Æмæ уый æрмæст ном нæу. Хæстон намыс у – хæсты цыд æмæ йæ истори чи аивта, уыцы цаутæ. Цавæр уыдысты? Бæлвырддæр нын сæ радзурдзæн нæ уазæг – историон наукæты кандидат – Чехойты Ирмæ.
Дæ бон хорз, Ирмæ. Уæлахизы бæрæгбоны хорзæх дæ уæд!
1) Кавказы тох цæмæй хицæн кæны Фдыбæстæйы Стыр Хæсты цауты хсæн æмæ дзы Дзæуджыгæу цавæр бынат архста? Хъусæм дæм!
2) Афтæ уыд нæ сайрæг горæты, бамбæрстам æй. Фæлæ уæд æгас Цæгат Ирыстон та куыд фæлæууыд знаджы ныхмæ?
Бузныг дын, Ирмæ, кæй нæ бавгъау кодтай ахæм цымыдисаг ахаст истроимæ. Иу хатт дæр ма дæ бæрæгбоны фæдыл арфæ кæнын. Мах та дарддæр хæццæ кæнæм нæ эфир – Уæлахизы Марафон!