Цард у рæстæг. Рæстæг та, куыд фæзæгъынц, дугъон бæхыл бады, тындзы размæ, йæ фæлмы акæны нæ рагфыдæлты царды цаутæ. Афтæмæй сын хатт историйы сыфты дæр ссарæн нал вæййы, кæд ма сын «мадзура» æгомыг хæхтæ вæййынц æвдисæн, æндæр. Æмæ кæд, мыййаг, мыггаджы мæсгуытæ дæр цавæрдæр сусæгдзинад хæссынц, фæлæ сæ дуртæн сæ бон сдзурын нæу? Афтæмæй та дымгæ, раст хъисын фæндырау, сисы йæ кадæг æмæ йæ кæдæмдæр коммæ ахæссы. Лыстæг сасирау æй балуары æмæ йæ рæстæджы мысинæгты ныууадзы. Афтæмæй адæмы историйы ирддæр æвдисæнтæ свæййынц хицæн бинонты хæзнатæ.
Ламардоны Дзуццаты Хетæджы фæрныг къонайы та иу нæ, фæлæ фылдæр сты.