Кадджын, æвæджиауы рæсугъд æмæ рагон зæххытæй иу у Уæллаг Мызур. Уæлладжыры комы, бæрзонд хæхты хъæбысы, раст цæргæсты тæхæнты, æрбынат кодтой Стыр Мызуры хъæутæ: Сулæртæ, Гусойтæ, Уæллаг æмæ Дæллаг хъæутæ, Ногхъæу, Ксуртæ æмæ Сæхæгтæ.
Адæм ацы хæхбæсты 500-600 азы размæ куы æрцардысты, уæд дзы кæд цы фæнды тызмæт æрдзон уавæртæ уыдис, уæддæр ацы бæркадджын зæхх цыл йæ фарн бафтыдта, йæ фæрныгадæй цæ барæвдыдта. Стыр Мызуры мыггагæн бантыст, фæлтæртæй фæлтæрмæ дæтгæцæ, æрхæццæ кæнын мах дуджы онг сæ домбай рагфыдæлты дунеæмбарынад æмæ арф мидисджын цæрыны æмæ кувыны æгъдæуттæ.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Фыдæлты уæзæгмæ
- Выпуск от 14.09.2020
Елиайы бæрæгбон Ахсауы
14.09.2020 16:42
Фыдæлты уæзæгмæ
Выпуск от 14.09.2020
Дыгургомы рæбыны, Стыр Дыгуры зылды, æвæджиауы рæсугъд æрдзы хъæбысы æрбынат кодта рагон хъæу Ахсау. Ардыгæй рацæугæ мыггæгтæ сæ бастдзинад райгуырæн зæххимæ кæй нæ сафынц, ууыл дзурæг у хъæуы астæу Бузойты ног амад мæсыг æмæ æппæт мыггæгты иумæйаг зæрдиаг архайд Билаги Елиайы бæрæгбоны рæстæг.
Другие выпуски
