Æрæджы нæ республикæйы мыхуыры рацыдис фыццаг этнографион атлас. Уый адæмы зонгæ кæны Ирыстоны цы адæмыхæттытæ цæрынц, уыдоны традицион культурæимæ. Цæмæн хъæуы, стæй йæ ахадындзинады тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты министры хæдивæг Бæгъиаты Алан.
Аив фæлгонц, рæсугъд хъæлæсы уаг, сызгъæрин баритон. Йæ алы рацыд дæр сценæмæ вæййы ирд æмæ зæрдылдаргæ. Сфæлдыстадон бинонты лæппу йæхи цард дæр снывонд кодта аивадæн. Уæрæсейы Федерацийы æмæ нæ республикæйы адæмон артист, бирæ хæрзиуджыты хицау, Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны театры солист Бæцæзаты Юрийыл сæххæст 80 азы. Оперон зарæггæнæн абон у не студийы уазæг.