Цыфæнды хъуыддаг куы райдайа, уæд ын, æнæмæнг, кæронбæттæн дæр уыдзæн.
Фæуæн нæй, æрмæстдæр, уарзондзинадæн. Æгæрон тых ын ис. Адæймагæн йе уæнгты бауадзы тых æмæ уæд цыфæнды зын хъуыддаг дæр æнцойтæй цæудзæн. Куыд мæм кæсы, афтæмæй нæ абоны хъазты архайджытæ мемæ сразы уыдзысты.
Дыууæ мæйы дæр ыл нæма рацыд, республикæйы скъоладзаутæ Къостайы фæндæгтыл куы æрлæууыдысты, ууыл. Рæстæг цыд, лæппутæ æмæ чызджытæ фæндагыл уæндон къахдзæвтæ кодтой. Æвзарæн къæпхæнты сæрты æнтысджытæй ахизгæйæ, ныр сæ хуыздæртæ сты хъазты финалы.
Не ппæт дæр æвдисæн уыдзыстæм фыццаг телевизион интеллектуалон хъазты финалæн.
30 адæймагæй кæронбæттæн къæпхæнмæ бахæццæ сты æртæйæ.