Фæлмæнзæрдæ æмæ æгъатыр, æмбаргæ æмæ карз, уарзаг æмæ сæрибар, — ахæм уыди Хаджеты Таймураз. Ирон поэт. Не сси паддзахадон хæрзиуджыты хицау, æмæ сæм хæлæг дæр никуы бакодта. Йæ уд сыгъдæгæй кæй ныууагъта, уый тыххæй сси адæмæн уарзон фыссæг. Йæ царды стырдæр нысаныл нымадта æцæгдзинад дзурын æмæ фæлитой митæй хи хъахъхъæнын. Фыццæгæм мартъийы Джусойты-Хаджеты Таймуразы райгуырдыл сæххæст ис 75 азы.
Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл абон æрдзурдзыстæм нæ изæрыгон студийы, хорз æй чи зыдта æмæ йæ æрдхорд кæмæн уыди, уыдонимæ. Фысджытæ: Кокайты Тотрадз æмæ Хохойты Энверимæ.