Нæ абоны программæйы хъайтар у æрыгон курдиатджын музыкант Габойты Максим. Йе сфæлдыстадимæ мах базонгæ стæм цалдæр азы размæ. Уæд архайдта Анастасия Заволокинайы хъуыстгонд проект «Играй, гармонь»-ы.
Габойты Максим йæхи фæлвары вокалон аивады дæр, ис ын рæсугъд баритон хъæлæс. Музыкæ дæр фыссы. Афæдзы размæ та Беслæны культурæйы галуаны сарæзта адæмон инструментты оркестр æмæ æрлæууыд дирижеры пульты уæлхъус.