Гæлиаты Фæроны кадджын дзуар рох никуы уыд ирон адæмæй. Кæцыдæр заманты кæд хъæуы цæрæг бирæ нал уыд, уæддæр дзы йæ бæрæгбоны кæдддæриддæр Хуыцаумæ скувынц.
Гæлиатæй ралидзæг 38 мыггаджы зæрдиагæй базилынц кувæндоны бæстыхаймæ. Сарæзтой дзы бадæн бынæттæ, къæбицтæ. Саив кодтой йæ алфамблай фæзуат. Азæй азмæ та бæрæгбонмæ цæуын райдыдтой фылдæрæй фылдæр адæм.