Композитор, дирижер, фæндырдзæгъдæг, педагог, хъомылгæнæг, бирæ ахуыргæнæн амынддзинæдты автор, ирон адæмон музыкалон фольклор æмбырдгæнæг, нотæтæм сæ рахæссæг — ахæм диссаджы бирæ хæрзты чи бацыдис йæ адæмæн, уый у нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Гæздæнты Гаппойы фырт Булат. Ирон музыкалон аивады патриарх, – афтæ ма хонынц Гӕздӕнты Булаты, национ культурæйы рæзтыл бирæ азты дæргъы ӕнувыдӕй кæй архайы, уый тыххæй.
Нæхи Булик – фыр буцӕй йæ хонынц адӕм. Нæ аивады æвæрæнты Гæздæнты Булатæн бирæ æрмæг кæй ис, уый махæн у æхсызгон! Чысыл фæстæдæр уын уæ размæ рахæсдзынæн йæ аив цӕгъдтытӕй иу.