Алы ныййарæг дæр архайы, йæ кæстæры сомбон рæсугъд æмæ райдзаст цæмæй уа, ууыл. Уый аразгæ у, цы дæсныйад равзардзæн, уымæй дæр. Ахуырадон бæстыхæйттæ архайынц ногдзинæдтæй сæ ахуырдзауты дисы æфтауыныл. Афтæ хæрз æрæджы Цæгат Кавказы аграрон-технологон æмæ Елхоты хъæуы бирæвæрсыг колледжтæ рамбылдтой паддзахадон гранттæ. Куыд сæ спайда кæндзысты, уый та нын бæлвырдддæр радзурдзысты нæ студийы уазджытæ. Æрбацыдысты нæм Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы информацион-аналитикон хайады сæргълæууæг Мæргъиты Аланæ æмæ Елхоты хъæуы бирæвæрсыг колледжы наукон-методикон хайады сæргълæууæг Саралиаты Зæринæ.
Ныр дæс азæй фылдæр форум «Машук» йæ дуæрттæ гом кæны Цæгат-Кавказы Федералон зылды æрыгон фæсивæдæн. Сæ бон дзы у арæхстджынæй бацархайын æмæ æнтыстджын къахдзæфтæй райдайын сæ царды фæндаг. Нæ студийы уазджытæ сты форумы архайджытæ Илурты Хъазыбег æмæ Къораты Жаннæ.