Мæ абоны уазæг тынг алывæрсыг у. Архайдта спортæй, йæхи бафæлвæрдта киноаивады, политикæйы, фæсивæдимæ куысты.
Йæ ном ын зонынц республикæйы, Уæресейы, суанг ма фæсарæнты дæр. Фæлæ сæйрагдæр уый нæу.
Сæйрагдæр сты – йæ размæ цы хæстæ æвæры æмæ царды фæндагыл цы къахдзæфтæ кæны уыдон.
Цы сты, уый уæм цымыдисаг кæсы? Мæнмæ дæр. Уæвгæ, нæ Хъантемыраты Барисы чи нæ зоны? Фылдæр куыд æхсæнадон архайæджы. Фæлæ цымæ цавæр адæймаг у? Цæмæ бæллы. Цæуыл мæт кæны, цы уарзы? Йæхи йын бафæрсæм.