Нæ абоны уазæг йæ спортивон зонындзинӕдтӕ не ‘вгъау кæны кæстæртæн. Схъомыл кодта цалдæр фæлтæры. Бирæтæ дзы свæййынц уæлдæр хæрзиуджыты аккаг. Ӕмӕ кӕд се ‘нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, уыдонимӕ ӕнцон нӕу кусын, уӕддӕр нӕ уазӕг зындзинӕдтӕй нӕ тӕрсы. Цымӕ, йӕ цавӕр миниуджытыл дзурӕг у, уал азы йӕ куыстӕй кӕй не схъыг, уый? Йӕхи йын бафӕрсдзыстӕм. Ӕрбацыд нӕм тренер Гаглойты Валерий.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Цы сусæг кæныс
- Выпуск от 15.05.2021
Хъараты Сослан
15.05.2021 21:00
Цы сусæг кæныс
Выпуск от 15.05.2021
Адæмы хсæн ахæм ныхас баззад: «Низмæ йæ къух ничи бадары», зæгъгæ, æмæ Хуыцау се ппæтæн дæр æнæниздзинад балæвар кæнæд.
Æз та кæддæриддæр ахъуыды кæнын дохтыртыл. Æвæдза, куыд ахсджиаг у дæсны специалисты къухмæ бахауын. Сæйрагдæр та ма дæм хионы цæстæй куыд ракæса, дæ рис дын куыд æмбара.
Ахæм адæймаг хонынц мæ абоны уазæджы дæр. Алкæддæр дæм худæндзастæй ракæсдзæн, зæрдиагæй аныхас кæндзæн демæ, баххуыс кæндзæн. Уый та у йæ дæсныйад зæрдæй чи равзæрста, ахæм дохтыры миниуæг.
Цымыдисаг адæймаг мæм кæсы. Чи у? Нæ уын æй басусæг кæндзынæн. Уазæгуаты æнхъæлмæ кæсын Хъараты Сосланмæ.
Другие выпуски
