Адæмы хсæн ахæм ныхас баззад: «Низмæ йæ къух ничи бадары», зæгъгæ, æмæ Хуыцау се ппæтæн дæр æнæниздзинад балæвар кæнæд.
Æз та кæддæриддæр ахъуыды кæнын дохтыртыл. Æвæдза, куыд ахсджиаг у дæсны специалисты къухмæ бахауын. Сæйрагдæр та ма дæм хионы цæстæй куыд ракæса, дæ рис дын куыд æмбара.
Ахæм адæймаг хонынц мæ абоны уазæджы дæр. Алкæддæр дæм худæндзастæй ракæсдзæн, зæрдиагæй аныхас кæндзæн демæ, баххуыс кæндзæн. Уый та у йæ дæсныйад зæрдæй чи равзæрста, ахæм дохтыры миниуæг.
Цымыдисаг адæймаг мæм кæсы. Чи у? Нæ уын æй басусæг кæндзынæн. Уазæгуаты æнхъæлмæ кæсын Хъараты Сосланмæ.