26-æм январы 85 азы сæххæст уыдаид ирон поэт, литературон критик, Цӕгат Ирыстоны гимны тексты автор Ходы Камалыл. Уый стыр æвæрæн бахаста ирон литературӕйы рӕзтмæ. Ууыл ныхас кæнæм нæ равдысты фыццаг хайы уазджытимæ.
Дарддæр та дохтыримæ дзырдтам худ дарыны ахадындзинады тыххæй. Уымæн æмæ зымæджы сарæх вæййынц гайморит, менингит, отит æмæ æндæр карз низтæ.
Нæ равдысты æртыккаг хайы та нæ уазæг уыдис, ирон хæринæгтæ чи `мбырд кæны æмæ сæ бахъахъхъæныныл чи архайы, ахæм адæймаг. Йæ хъуыдыйы дары суанг уый тыххæй сæрмагонд энциклопеди дæр рауадзын. Бæлвырд хабæрттæ базондзыстут нæ равдыстæй.













