Хабархæссæг фæрæзты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, йæ бæззыны `мгъуыд кæмæн фæуд кæны, уыцы хойраг хъуамæ лæварæй дæттын райдайой пенсионертæн. Ацы фæнд нырма закъон рахонæн нæма ис, фæлæ уал æм суанг Паддзахадон Думæйы дæр се `ргом аздæхтой. Цас цæттæ йæм у æхсæнад та?
Дзырдтам ма, зындгонд дохтыр Кудзаты Хъазыбег нæ республикæйы медицинон академийы студенттæн йæ номæй стипенди кæй снысан кодта, ууыл дæр. Фиддзæн æй хуыздæрты хуыздæртæн.
Афтæ ма нæ ныхасы сæр уыдис дыгурон поэзийы изæр. Уазæгуаты нæм æрбацыдысты, чи йæ сарæзта, уыцы хъæппæрисадон къорды уæнгтæ.