Сæ иу кæддæр куыста шофырæй, иннæ та суанг сæр æлвыныл дæр архайдта. Фæлæ, дам, адæймаг — фæндтæгæнæг, Хуыцау — аразæг.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Зæгъ æй!
- Выпуск от 18.07.2021
Хуыдарты Аллæ æмæ Аслан
18.07.2021 21:40
Зæгъ æй!
Выпуск от 18.07.2021
Æнхъæлмæ чи фæкæсы, уымæн йæ курдиат Хуыцаумæ дæр фæхæццæ вæййы! Уымæ гæсгæ уын æхсызгонæй хъусын кæнæм, ирон æвзаг зонынæй нæ эфиры цы телехъазт уыдис, уый сног кæныны тыххæй. Цард цæуы æмæ ивддзинæдтæ домы. Афтæ рауад нæ программæйы хъысмæт дæр – ныр йæ ном у «Зæгъ æй!» Фæлæ дзы раздæрау нæ уазджытæм сиддзыстæм, цæмæй дзы иунæг дæр, уæ фарн бирæ, йæ дзыхыл ма хæца! Уыцы хæс уал сæвæрдтам нæ телехъазты фыццаг архайджыты цур. Цы дзы рауад нæ фембæлдæй, уый фендзыстут. Табуафси, саккаг-иу кæнут уæ телеэкрантæм амынд рæстæгмæ. Хъуамæ уæ бахъæлдзæг кæнæм!
Другие выпуски
