Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Ирыстоны хъæбул, хъæбатыр хæстон лæг, артиллерийы инæлар-лейтенант Гацолаты Аслæмырзæйы фырт Виктор тохы намысы фæндæгтыл фæцыд Мæскуыйæ суанг Берлинмæ, хъæбатырæй хæцыд Калининграды, Воронежы, Ныгуылæн, Цæгат-ныгуылæн æмæ фыццаг Украинаг фронтты.
Курскы къæлæты æмæ Берлиныл тохты сгуыхтдзинæдты тыххæй йын дыууæ хатты дæр хъуамæ радтаиккой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, фæлæ та йын иу цыдæр æфсонæй дыууæ хатты дæр уый бæсты радтой æндæр кадджын хæрзиуджытæ. Уымæ гæсгæ Гацолайы-фырты хуыдтой «æнæ стъалы æцæг хъæбатыр».