preloader
сейчас в эфире
15:57
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
КОММУНАЛКА 12+
18:10
ТАКТИКА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
close

Ирон æвзаг – нæ дзыллæйы истори

Выпуск от: 15.05.2020

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонмæ Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрад, Адæмон сфæлдыстады Республикон хæдзар æмæ Цæгат Ирыстоны Национ телекомпани «Осетия — Ирыстон» бацæттæ кодтой сæрмагонд фембæлд комкоммæ эфиры мадæлон æвзагæн стыр аргъ чи кæны, уыдонæн. Ацы изæр æрымысыдыстæм Къоста æмæ Васойы рухс нæмттæ. Зæлыдысты ирон дзырды дæсныты зæрин хъæлæстæ — Тæбæхсæуты Бало, Мерденты Юрий. Уыд фенæн скъуыддзæгтæ Ирон театры сценæ цы спектакльтæй барухс кодтой, адæмæн æнæкæрон уарзон чи ссис, уыдонæй цалдæр. Амонджытæ: Цæриаты Валерий, Налдыхъуаты Зæлинæ æмæ Токаты Альбинæ. Зæлыдысты ирон зарæг æмæ фæндырдзагъд. Бæрæгбоны арфæтыл ма бафтыдта Республикæйы Фысджыты цæдисы уæнг, газет «Рæстдзинад» — ы сæйраг редактор Хозиты Барис.

Выпуски
Ирон æвзаджы курсытæ Дзæуджыхъæуы
15.05.2018 20:06
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Ирон æвзаджы курсытæ Дзæуджыхъæуы
Токаты Зауыр
15.05.2018 20:05
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Токаты Зауыр
15.05.2018 19:59
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Цæразонты Мæдинæ
15.05.2018 19:45
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Цæразонты Мæдинæ
Алайнаг гимназы
15.05.2018 19:30
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Алайнаг гимназы
15.05.2018 18:05
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Дзæуджыхъæуы ЗАГС-ы кусæг Челдыты Фатимæ
15.05.2018 13:29
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Дзæуджыхъæуы ЗАГС-ы кусæг Челдыты Фатимæ
Ирон поэтессæ Бзыккаты Земфирæ
15.05.2018 13:26
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Ирон поэтессæ Бзыккаты Земфирæ