Йӕ райгуырӕн уӕзӕг фенынмӕ бӕлгӕйӕ, цардхъуагӕй Фыдыбӕстӕйы карз Стыр хӕсты йӕ адзал чи ссардта, уыдонимӕ уыдысты Дзуарыхъӕуы цӕрджытӕ Гӕздӕнты Асӕхмӕт ӕмӕ Тасойы авд фырты дӕр.
Дойаты-Гӕздӕнты Милӕ, Гӕздӕнты Дзӕрӕхмӕты чызг йӕ фыды ӕмӕ йӕ фыдыфсымӕрты нӕ зыдта ӕмӕ нӕ федта. Сӕ уӕззау хъысмӕтыл та йӕ зӕрдӕ абон дӕр риссы. Фӕлӕ йæ хъазуатондзинадæй дзыллæйæн кад æмæ ном чи скæны, йæ фарныл ын фарн чи бафтауы, уый сыгъдæг ном баззайы зарæджы. Афтӕмӕй хъӕбатыр ӕфсымӕрты ном дӕр ныр цӕрдзӕн ӕнустӕм.