Диссаг у æрдзы сконд: адæймаг иунæгæй нæ фæразы, – йæ зæрдæ мæгуыр кæны. Ис ахæм æмбисонд: «Сыхаг бирæ хæстæгæй æввахсддæр æмæ зынаргъдæр вæййы». Нæ студийы уазджытæ раргом кæндзысты сыхбæстимæ баст мысинæгтæ.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Æндæхтæ
- Выпуск от 15.08.2021
Къонайы хъарм
15.08.2021 18:40
Æндæхтæ
Выпуск от 15.08.2021
Иу зайæгой дæр æнæ зæххæй нæ цæры. Стон æй, уæд бахус уыдзæн, æмæ йæ уæд кæнæ аппар, кæнæ йын йæ хус æмæ æгъуыз сыфтæм кæс. Афтæ адæймаг дæр. Стон æй йæ райгуырæн зæххæй, фæхицæн æй кæн йе взаг æмæ йе гъдæуттæй, æмæ йæ уд сафтид æмæ смæгуыр уыдзæн. Уæвгæ, цард алыхуызон рауайы.
Адæймаджы йæ хъысмæт кæдæм нæ ахæссы, иу ахæм нæй. Фæлæ цалынмæ йæ бастдзинад йæ Фыдыбæстæимæ нæ аскъуыны, уæдмæ фæцæрынц уыцы уидæгтæ дæр. Махæн иууылдæр нæ уидæгтæ сты нæ иры зæххы, зæрдæйы тæгтæй та баст стæм нæ иры урс хæхтæм.
Ацы хатт равдыст «Æндæхтæ»-йы студийы уазджытæ Ирыстонæй дард чи цæры, цард, кæнæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ дзæвгар рæстæг дард чи вæййы, уыдон. Цавæр æнкъарæнтæ цæм ис, уый та сæхæдæг дзурдзысты.
Другие выпуски
