«Нæмыг куы атæхы, уæд сæмбæлы, фыццаджыдæр, мады зæрдæйыл», — фыста йӕ чингуытӕй иуы зындгонд поэтессӕ Фазу Алиева. Ныййарæг у царддæттæг, хæст – цардисæг. Никуы бафидаудзысты кæрæдзиимæ, фæлæ ныййарæджы уарзт, йæ куывд кæддæриддæр разынынц тыхджындæр хæсты удисæг тыхæй.
Ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ раст адӕймаг уыд Сланты–Томайты Уӕликӕ. Ӕхсӕв-бон нӕ зонгӕйӕ, йӕ уд снывонд кодта уый йӕ фыртты фӕкӕсинаг сабитӕн. Йӕ куыстытӕ-иу куы бакодта Нана, уӕд–иу даргъ ӕхсӕвты йӕ хъарм цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта.
Бирӕ азты фӕстӕ Сланты кӕстӕр чызг Эллӕ, фыды ад чи нӕ базыдта, уый, Нанайы зӕрдӕрыст ӕмбаргӕйӕ, ныффыста зарӕг. Ирыстоны йӕ чи нӕ зоны, ахӕм нӕй. Йӕ ахадындзинад та уӕвгӕ дӕр никуы байсысдзӕн.
Мадӕлты фӕдзӕхст, макуы уал уӕд хӕст…