Ирон театры артистты фыццаг фӕлтӕр… ӕвӕдза, ахъаззаг фӕд ныууагътой уыдон ирон сценикон аивады. Уыцы «удæгас хӕзнатӕй» иу уыд Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист, актер, режиссер, драматург, тӕлмацгӕнӕг, театралон педагог Цӕлыккаты Мæирбег. Йӕ ном Иры дзыллӕйы хсӕн баззад кадджын ӕмӕ рӕсугъдӕй. Ацы аз Мæирбеджы райгуырдыл сӕххӕст 110 азы.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Аивады æвæрæнтæй
- Выпуск от 04.10.2020
Мамсыраты Тасолтан
04.10.2020 19:00
Аивады æвæрæнтæй
Выпуск от 04.10.2020
Нæ фыдæлты уæздандзинад, æгъдау, æфсарм йæ дадзинты кæмæн æхсиды æмæ сæ рухсæй йæ дзыллæйы чи тавы, йæ курдиатæй сын бирæ азты стыр цин чи хæссы, уыцы арфæйаг хистæртæй иу у Цæгат Ирыстоны адæмон артист, диктор, зарæггæнæг Мамсыраты Тасолтан. Кæд афтæ бирæ зарджытæ нæй Тасолтаны репертуары, уæддæр се ппæт дæр ирон адæмӕн сты зындгонд. «Агурын дæу», «Дидинæг», «Мæ фæллад цæстытӕ» — ацы зарджытæ Тасолтанæн ныффыста композитор Гæздæнты Булат. Нæ аивады æвæрæнты махæн дæр ысты æмæ уын дзы уæ размæ иу хæссæм.
Другие выпуски
