Æрæджы Хуымæллæг фысым уыди Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæн. Ирыстойнаг хъæуы æрæмбырд сты мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ.
Æмæ хуымæтæджы нæ! Сæ зонындзинæдтæ дзы равдыстой сæрмагонд конкурсы «Мах стæм алыхуызон, фæлæ стæм æмбар». Гъемæ дзы Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуыргæнæг йæ разæй никæй ауагъта, æмæ бацахста фыццаг бынат. Абон æй æрбахуыдтам не студимæ.
Æмæ уæ æз зонгæ кæнын жюрийы уæнг Нæкуысаты Иринæимæ, стæй конкурсы уæлахиздзау Чехойты Светланæимæ.