Цымæ рæстæгæн бауромæн ис? Зын фарст у… Фæлæ цыма хуызистытæ ӕмӕ нывты афӕстиат вӕййы, цыма ивгъуыдмæ абалц кӕнӕм, хатгай афтæ фæкæсы адӕймагмӕ. Цæстытыл ногӕй ауайынц зæрдæйæн зынаргъ цаутӕ… Уӕдӕ уыцы къамтæ æмæ нывтæ чи скæны, уыдон та сæхæдæг цæуыл ахъуыды кæнынц? Сæ зæрдыл цавæр хабӕрттӕ ‘рбалæууынц? Сæ нывты сæхи цард зыны? Уымæй бафӕрсдзыстӕм нӕ уазæджы. Саккаг нӕм кодта Мæргъиты Таймураз.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Цы сусæг кæныс
- Выпуск от 19.06.2021
Нартыхъты Валерий
19.06.2021 19:30
Цы сусæг кæныс
Выпуск от 19.06.2021
«О, мæ хуры хай, рæсугъд чызгай,
Ды дæ æнусмæ мæ цард, мæ цин,
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд».
Ацы зарæг чи нæ зоны, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, зын ссарæн у. Æмæ се ппæтæн дæр у уарзон. Уыимæ куыд аивадуарзджытæн, афтæ музыканттæн дæр. Кæд, мыййаг, уымæн ис сæ репертуары.
Мæ абоны уазæг дæр æй зары. Иунæгæй нæ, æртæйæ. Мæнмæ гæсгæ йæ бамбæрстат, къорд «Фидæны» уæнгтæй иумæ кæй æнхъæлмæ кæсын, уый. Сæ кой раджы айхъуыст, се сфæлдыстад æмæ лæппутæ сæхæдæг бирæтæн систы уарзон æмæ сын семæ фембæлд æхсызгон вæййы.
Æхсызгон лæвар аивадуарзджытæн кæнын æз дæр. Абон Нартыхъты Валерий у мæ уазæг.
Другие выпуски
