Ирон æвзаджы тетрæдтыл Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау Вадим Зарицкий йæ мыггаг фæфыссы иронау — Зарицкиты Вадим. Йæ ахуыргæнæг æй бараст кæны, афтæ фыссын не ‘мбæлы, зæгъгæ. Фæлæ йæ мыггагæй сæрыстыр уæвгæйæ, Вадим йæхи нымайы ирон адæймагыл. Райгуырд Ирыстоны, йæ фыццаг ныхæстæ скодта дыгуронау æмæ йыл йæ зæрдæ нал ивы. Республикон конкурс «Ирон дæн æз»-ы чи фæуæлахиз, уый ныр та сси нæ программæйы хъайтар.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Не 'взаг - сæ хæзна
- Выпуск от 19.05.2021
Наталья Квашнина
19.05.2021 20:30
Не 'взаг - сæ хæзна
Выпуск от 19.05.2021
Нæ радон равдысты архайæг у Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуыргæнæг Наталья Квашнина.
Наталья у уырыссаг адæмы минæвар, фæлæ йын ирон æвзаг у æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр. Уый хуымæтæджы нæу, ирон туг дæр æм хæццæ кæны. Наталья Квашнина у Олысаты хæрæфырт. Кусгӕ та кӕны ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуырæнæгæй.
Другие выпуски
