Алы адӕмыхаттӕн дӕр йӕ хӕдбындур цардывӕтк хъахъхъӕнын ахсджиаг хӕс у. Фӕлӕ ныры размӕдзыд дуджы уый фӕзындӕр ис. Цивилизаци ахъардта алы хъуыддаджы дӕр. Цы ис уым хорзӕй, стӕй фауинаг та цӕмӕй у? Ирон ӕгъдау цӕуыл ӕнцайы, уыцы бындурӕн фӕцудынӕй тӕссаг у? Уыдӕттыл дзурӕм нӕ уазджытимӕ программӕ «Сасир»-ы.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Сасир
- Выпуск от 26.05.2022
Националон музыкæ æмæ йæ авналæнтæ
26.05.2022 21:23
Сасир
Выпуск от 26.05.2022
Афтæ фæзæгъынц, æмæ, дам, дзырдтæ кæм нал фæфаг кæны, уым дзурын райдайы музыкæ. Цæгат Ирыстонæн уыцы хорзæх йæ къухы æххæстæй бафтыд. Музыкæйæн чи снывонд кодта йæхи, ахæм адæмæй нæ зæхх хъæздыг у. Национ музыкæ. Йæ гæнæнтæ æмæ йæ авналæнтæ. Йæ райрæзт æмæ йæ хъæздыгдзинад. Йæ абон æмæ йæ фидæн. Стæй йæ ахадындзинад абоны змæст дуджы. Уыдæттæ уыдзысты нæ программæ «Сасир»-ы дзуринæгтæ.
Другие выпуски
