1-æм январæй фæстæмæ уæрæсейаг закъонтæм хаст æрцыд ивддзинæдтæ. Сæ ахадындзинад рæстæгмæ рабæрæг уыдзæн. Сæ вазыгджындæртæй иутæ: мадæлты капиталы бæрц фыццаг сывæллонæн фæфылдæр уыдзæн 17 мин сомы, дыккаг сывæллоны райгуырдæн та дæтдзысты 640 мин сомы бæрц. Ацы азæй мадæлты капиталы æхцайæ спайда кæнæн уыдзæн хъæууон ипотекæ райсынæн. Уæдæ куыд фæзындзысты ног закъæттæ нæ цардыл æмæ нæ нæхи цæмæ цæттæ кæнын хъæуы? Ууыл ныхас нæ студийы уазджытимæ.
Ивгъуыд азы адæм бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой. Сæйрагдæр нæ батыхсын кодта карз низ. Адæмы æнæниздзинад тынг фæцудыдта. Цæф тынгдæр æрцыд хистæр кары цæрджытыл. Дохтыртæ æхсæвæй- бонæй уырдыг лæууыдысты рынчынты уæлхъус. Уæдæ сын паддзахад куыд æххуыс кæны, стæй нæ республикæйы медицинон кусджытæ Ног азы «фæлладуадзæн» бонтæ куыд арвыстой, уый тыххæй дзурæм нæ программæйы иннæ хайы.