Æхсæнадон транспорты куыстæй разы не сты Ногиры цæрджытæ. Ныр цалдæр азы дæргъы курынц, цæмæй хъæуы уынгты тарнспорт цæуа, куыд æмбæлы, афтæ. Цы гæнæн ис уымæн æмæ цавæр гæнæнтæ уынынц ногирæгтæ сæхæдæг? Ууыл ныхас кæнæм «Йæ рæстæгыл».
Æрæджы нæ республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодтой, нæ республикæйы музейты 260 мин историон хæзнайы кæй ис, уый тыххæй. Уæдæ йæ дзурын дæр нæ хъæуы, уыдон фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын куыд ахсджиаг у, уый. Нæ республикæйы ахæм вазыгджын хæзнадæттæ чысыл нæй. Фæлæ дзы иууыл ахсджиаг у, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сывæллæттæн цы чысыл музей кусы, уый.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст, ахуырад æмæ спорт баиу сты Цыколайы 2-æм скъолайы. Сарæзтой дзы ахуыргæнджытæ Боллоты Рамазан æмæ Хулимæты номарæн турнир шахматтæй хъазынæй. Рамазан та ма уыд хæстон лæг дæр. Кæрæй-кæронмæ фæцыд тохы фæндæгтыл, æмæ ууыл ныхас кæнæм нæ уазджытимæ.
Ирыстойнæгтæ сæхи цæттæ кæнынц Куадзæнмæ. Хуыцаубоны чырыстæттæ сбæрæг кæндзысты сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Куадзæн бæрæг кæныны æгъдæуттæй зонын цы хъæуы, æмæ хъус фылдæр цæмæ æрдарын фæхъæуы, ууыл ныхас кæнæм нæ программæйы.