Нæ равдысты дзурæм, нæ республикæйы бындуронæй цы скъолатæ цалцæг кæнынц, уыдоны тыххæй. Ныхас кæнæм нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Маркимæ. Уымæй уæлдай ма нæ студийы уазджытæ дзурдзысты, сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны 50 азы чи бафæллой кодта, уыцы ахуыргæнæг Хъесаты Еленæйыл. Уæдæ æрæджы Ирон театры цы премьерæ уыдис, уый тыххæй та ныхас кæнæм Битарты Алыксандр æмæ Гæбæраты Лизæимæ.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Вечерняя смена
- Выпуск от 26.04.2022
Нырыккон дуджы — æнæниз цард
26.04.2022 19:30
Вечерняя смена
Выпуск от 26.04.2022
Фæстаг бонты уæлдай æхсызгон вæййы хæсты архайджыты къамтæ фенын æмæ сын, кæм хинымæр, кæм та æргомæй, бузныг зæгъын. Сæ фæрцы нæ бон у ацы дуджы цæрын. Æхсызгон у, зын сахат адæмы фарсмæ дæсны кусджытæ æмæ цæстуарзон специалисттæ куы æрбалæууынц, уый дæр. Адæймагыл низ тых кæнын куы райдайы, уæд йемæ дохтыртæ вæййынц. Уæдæ уæлахизхæссæг салдæттыл æмæ онкологон низтимæ тохгæнджытыл уыдзæн а-изæр нæ ныхас.
Другие выпуски
