Æвзарæм Валентин Катаевы хъуыстгонд уацау «Полчы хъæбул»-æй ист алыхуызон дзырдтæ. Тæлмацы автор Дзесты Куыдзæг.
Чиныг равгæн электронон чиныгуат «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.cc/cdirdu
*ЦÆХÆР-МАРГЪ: «Йæ фæтчийы бын кæлмæрзæны тыхт цæхæр-маргъы сис»
*ДОНГАРЗ: «Сæ хæринаг — дзулы хус къæбæртæ, сæ донгарзы мидæг уазал цаимæ»
*ГОДЗЫ КЪÆХТÆ: «Цыма хъæд æвиппайды уыцы-иу лæуд скодта годзы къæхтыл»
*ИВАДÆГ: «Асыччытæ ивадæг кодтой машинæйæ»
*ЦÆГÆР: «Кæй зæгъын æй хъæуы, уым ыл схæцыд цæгæр, стæй хæрæгхæлмаг дæр»
*ТАСМАЧЪИ: «Ваня фæлæбурдта тасмачъи кружкæмæ æмæ йыл зыд хæст ныккодта йæ дыууæ къухæй»
*ДЫВАЗЫГ: «Мæнæн ме ’лхынцъ дывазыг денджызон у»
*ЛÆНК: «Ныллæгдæр лæнчытæ кæм уыд, уым зæххыл ӕрбадт бæзджын урс мигъ»
*УЫНДФÆЛИВÆН: «Кæрдæгхуыз уындфæливæн хызæй биноныг æмбæрзт чи уыд, ахæм»