Ныры дуджы тынг сарæх сты нервытимæ баст низтæ. Адæймаг фæвæййы æнахуыр тыхст æмæ тасдзинады уацары. Хонынц сæ панические атаки. Низæй æцæгæйдæр чи хъæрзы, уый йын йæ миниуджытæ хорз зоны. Фыдбылыз æрцæуынæй дæр тæссаг вæййы. Дохтыртӕ сын хостӕ рафыссынц, фӕлӕ нӕ фыдӕлтæ та нервытимӕ баст низтӕн хос крестовникӕй кодтой. Уымӕй уӕлдай ма хæлмæгтæ, сыгъдтытæ, туг дадзинты æвзæр куы цæуа,уый, æмæ ма ӕдыхдзинад дæр. Ромаг дохтыр Диоскорид крестовникы фӕрцы дзæбæх кодта, йӕ доныхуыпп кӕмӕн нӕ цӕуы, уыдоны. Уымӕй уӕлдай ма уыргтæ ӕмӕ мисындзӕг дуртӕй сыгъдæг кодта.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Кæрдæг
- Выпуск от 01.10.2020
Портулак
01.10.2020 18:45
Кæрдæг
Выпуск от 01.10.2020
Портулак латинаг æвзагæй тæлмац кæнынц куыд «карчы къах». Ис æм бирæ амæй-ай цымыдисагдæр миниуджытæ. Фыццаджыдæр, у тынг хъæздыг алыхуызон буаргъæдтæй. Сæйрагдæр, витамин А. Хурыскæсæны `рдыгæй нæм дзæгъæлы не `рбафтыд. Сæ хæринаджы уыцы витамин тынг гыццыл ис æмæ алыхуызон кæрдæджытæн стыр аргъ кæнынц, парахат сæ кæнынц сæ зæххыл. Портулакæн йæ ирон ном дæр зонæм. Фæлæ ацы хатт сфæнд кодтам, цæмæй нын æй сымах уæхæдæг зæгъат. Уæлдай нæу, телефонæй æрбадзурат æви йæ комментариты ныффыссат, уый. Чи фæразæй уа, уымæн пайдахæссæг кæрдæджыты баст уæллæй мæхæдæг балæвар кæндзынæн!
Другие выпуски
