Абон Ирыстоны номдзыд хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл ӕххӕст кӕны 161 азы.
Нӕ телекомпани уый фӕдыл йӕ номыл мемориалон хӕдзар-музейы бацӕттӕ кодта равдыст.
Ӕрбацыдысты йӕм Къоста зынаргъ ӕмӕ уарзон кӕмӕн у, уыцы адӕм ӕмӕ нын радзырдтой зындгонд поэт сын куыд зынаргъ у, уый тыххӕй.