Цæвиттон, нæ горæты æмæ республикæйы цæрджытæ мемæ сразы уыдзысты — Дзæуджыхъæуæй рæсугъддæр горæт зын ссарæн у. Цæгат Ирыстон та — æрдзы зынаргъ фæндыг у. Æнусон урс сæр къæдзæхты алыварс хæхтæ сæ уæлæ скодтой хъæдтæй цъæх кæрц, сæ сæрмæ бумбулиджын урс мигътæ, æрдзы дадзинты цæссыгау сыгъдæг суадæтты дон. Æмæ ахæм рæсугъддзинады астæу, дæлвæз æрбынат кодта Дзæуджыхъæу! Уый уыд цалдæр æнусы размæ… Æвæдза, рæстæг куыд тæхы. Абон нæ уарзон Дзæуджыхъæуыл æххæст кæны 235 азы!
Уый нæ, фæлæ ацы аз нæ республикæ бæрæг кæны цалдæр стыр бæрæгбоны.
Иуæй Дзæуджыхъæуы гуырæн бон.
Инннæмæй Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæдæй рацыд 245 азы.
Советон Автономон республикæ куы сси, ууыл та сæххæст 95 азы…