Ныры дуджы тынг сарæх сты нервытимæ баст низтæ. Адæймаг фæвæййы æнахуыр тыхст æмæ тасдзинады уацары. Хонынц сæ панические атаки. Низæй æцæгæйдæр чи хъæрзы, уый йын йæ миниуджытæ хорз зоны. Фыдбылыз æрцæуынæй дæр тæссаг вæййы. Дохтыртӕ сын хостӕ рафыссынц, фӕлӕ нӕ фыдӕлтæ та нервытимӕ баст низтӕн хос крестовникӕй кодтой. Уымӕй уӕлдай ма хæлмæгтæ, сыгъдтытæ, туг дадзинты æвзæр куы цæуа,уый, æмæ ма ӕдыхдзинад дæр. Ромаг дохтыр Диоскорид крестовникы фӕрцы дзæбæх кодта, йӕ доныхуыпп кӕмӕн нӕ цӕуы, уыдоны. Уымӕй уӕлдай ма уыргтæ ӕмӕ мисындзӕг дуртӕй сыгъдæг кодта.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Кæрдæг
- Выпуск от 30.07.2020
Ромашка
30.07.2020 19:00
Кæрдæг
Выпуск от 30.07.2020
Ацы кæрдæг кæм нæ зайы, Ирыстоны иу ахæм бынат нæй. Æдæппæтæй йæ хуызтæ сты 20 æмæ дзы алкæмæн дæр ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ. Уæдæ абон ныхас кæндзыстæм æхсынчъыхосыл, уарзы-нæ уарзыйыл. Иронау ацы дыууæ номы хæссы, уырыссагау «ромашка» чи хуыйны, уыцы зайæгой! Бердзенæгтæ йæ уæлæрвты хæзна хуыдтой. Афтæ стыр аргъ ын кодтой, æмæ-иу æй рынчын йæ фыны куы федта, уæд-иу тагъд рæстæджы адзæбæх. Уый æнæбындур хъуыды нæу — цы буаргъæдтæ дзы ис, уыдон адæймагæн стыр пайда хæссынц.
Другие выпуски

Дата