Ирыстоны минæвæрттæй исчи куы фесгуыхы, уæд дзы се ‘ппæт дæр сæрæстыр вæййæм. Фæлæ уымæй стырдæр цин та вæййы хъæу исты рекодты аккаг куы свæййы уæд. Цæгат Ирыстон цæмæй раппæла, уый ис. Рекордты чиныгмæ кæй бахастой, уыцы хъæуты минæвæрттæ сты нæ студийы уазджытæ.
Уымæй уæлдай ма ныхас кæндзыстæм фыдæлты царды фæтк сног кæныныл. Дагомы минæвæрттæ цæмæн сæмбæлдысты æмæ цæуыл ныхас кодтой, уый базондзыстут нæ программæмæ бакæсгæйæ.