Нæ республикæйы парламенты депутаттæ рахæцыдысты хæдзарон цæрæгойты æнæмæнг стерилизацийы фарс. Уыцы закъоны проект хъуамæ æрфидар уа Уæрæсейы. Йæ фæрцы, зæгъынц, дзæгъæл куыйты æмæ гæдыты нымæц зынгæ фæкъаддæр уыдзæн. Дзурæм ма, Ног азы бæрæгбонмæ нæ телеканал цы æнæнхъæлæджы концерт бацæттæ кодта, ууыл. Иронау дзы фæсивæд акодтой дунетыл хъуыстгонд зарджытæ. Адæмы зæрдæмæ фæцыдысты. Хъуамæ сæ зæрдæмæ фæцæуа, рухс дыккаг хатт чи федта, уыцы чиныг дæр. У Тхостаты Саукуыдзы номимæ баст. Фыццаг хатт та йæ рауагътой суанг… 100 азы размæ!
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Вечерняя смена
- Выпуск от 14.03.2023
Санкциты фæстиуджыты, газет «Рæстдзинад»-ы 100 азы юбилейы æмæ рæстæйы бæрæгбоны тыххæй
14.03.2023 20:30
Вечерняя смена
Выпуск от 14.03.2023
Санкциты аххосæй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæн æнæ æхсыры продукттæй баззайынæй тæссаг у, æви нæ, ууыл ныхас кæнæм нæ программæйы уазджытимæ. 14-æм мартъийы газет «Рæстдзинад»-ыл сæххæт 100 азы. Уыцы æхсызгон хабары тыххæй дæр дзурæм. Уæдæ ма не `ргом аздæхтам рагон бæрæгбон Рæстæйы бонмæ дæр.
Другие выпуски
