Сæрд æрмæст райдзаст райсомтæй нæ фидауы, фæлæ ма йæ лæвæрдтæй дæр. Халсарты æмæ дыргъты цæхæрадæттæй цæст райы. Æрдзы лæвæрттæй дуканиты æмæ базарты тæрхæджытæ байдзаг вæййынц.
Фæлæ сæ цымæ адæймаджы æнæниздзинадæн пайда цы у? Стæй цавæр витаминтæй хъæздыг сты? Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрдзурдзыстæм диетолог Туаты Иринæимæ стæй Зæнджиаты Сосланимæ бацархайдзыстæм ПП салат саразыныл.