Абон æнхъæлмæ кæсын æрыгон æмæ курдиатджын фæндырдзæгъдæгмæ.
Иу хатт дæр æй чи фена, уыдон сты иузæрдион — йæ къухты фæндыр раст бумбулийау у. Куы йæ айвазы, уæд та музыкалон инструменты зæлтæ дардмæ айхъуысынц.
Дардмæ айхъуыст йæ ном дæр. Ныр æй зонынц канд Уæрæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр: Польшæйы, Францийы, Турчы, Тайваны, Китайы æмæ æндæр бæстæты. Йæ цагъд хицæн кæны иннæтæй. Базыдтат æй — абон мæ уазæг у Саутуалты Аслан.