Цикорий иронау хонынц стъæлха æмæ йæ æз дæр афтæ хондзынæн. Ахуыргонд адæм йыл рагæй æрæвæрдтой сæ цæст. Афтæ рауадис, æмæ дзы ирон адæм уыбæрц ницы пайда кодтой, фæлæ мах нæ сыхæгты, стæй ахуыргонд адæмы зонындзинæдтæм уæддæр æркæсдзыстæм. Цикориимæ абаргæйæ, кофе тагъддæр скусы, стæй йæ ахадындзинад дæргъвæтиндæр у. Йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ туджы æлхъывдад уайтагъд фæфылдæр вæййы, дадзинты туг рæвдздæр ауайы, зæрдæ тынгдæр скусы æмæ адæймаг йæхи рогдæрæй æнкъарын райдайы. Фæлæ кофейы куыст куы фæвæййы, кæнæ та,кæмæн нæ тайы, уый йæ куы бануазы, уæд ахæм адæймæгты уавæр бæрæг февзæрдæр вæййы. Раст ма цалдæргай хæттыты дохтырты æххуыс дæр бацагурынц. Ахæм фæстиуджытæ нæй стъæлхайæн.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Кæрдæг
- Выпуск от 09.07.2020
Сныть
09.07.2020 18:45
Кæрдæг
Выпуск от 09.07.2020
Латинаг æвзаджы йæ ном дыууæ хайæ конд у æмæ дзы иу хай тæлмац кæны, куыд «къæхты къæпхæн». Къæхты стджыты низтæ дзы дзæбæх кодтой нæ фыдæлтæ. Абон кæндзыстæм, уырыссагау «сныть» чи хуыйны, уыцы кæрдæджы кой. Йæ ирон ном, хъыгагæн, рохуаты баззад. Ма йын уа, уый гæнæн нæй æмæ уæ мах курæм, кæд æй сымахæй исчи зоны, уæд нæм фæхабар кæнут.
Другие выпуски
