Сомихаг луаси, долма, кюфта æмæ ма бирæ æндæр цыдæртæ.
Уыдонæй саходын чи нæ уарзы, ахæм адæймаг зынтæй разындзæн. Сæ зæрдæмæ цæуынц нæ #Саутæбуртæмыдхуызтæн дæр.
Æмæ йæ куыд бамбæрстат, афтæмæй ныр та дзурдзысты Сомихыл.
Дзæуджыхъæуы ацы адæмыхатт рагæй цæрынц. Хъæздыг у сæ культурæ, фидар хæцынц се `взаг æмæ æгъдæуттыл, бирæтæ сæ æххæст кæнынц, кæимæ цæрынц, уыдоны цардыуаг дæр. Уæвгæ, сæдæ хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у æмæ уæ хонæм нæ равдыстмæ.
















