preloader
сейчас в эфире
08:30
ИМЕНА 12+
Смотрите Далее
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
УИДÆГТЫ ИРДГÆ 12+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
АИВАДЫ ФÆЗ 12+
11:45
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИМЕНА 12+
close

Сослан — тыхагур (дыккаг хай)

Выпуск от: 01.07.2019

Нарты фæсивæд æмгуыппæй Хъазæн фæзы æрæмбырд сты. Стыр симд самадтой уыцы ран. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхсти, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхсти Нарты скуыхт Сослан.

«Цæйут, ныр та нæ фæттæ бавзарæм!» — загътой Нарты фæсивæд, бирæ куы фæсимдтой, уæд. Мысан æрæвæрдтой, æхсынтæ байдыдтой.

Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæвинтæ. Фæлæ дзы Сосланы хуызæн иу дæр нæ фескуыхт фатæй: уыцы иу ран æмбæлдис йæ фат алы æхстæн дæр.

Чысыл фалдæр, фурды был, ривæд кодтой фос. «Æххæст-ма бавзарæм нæ тых дæр», загътой Нарты фæсивæд, «цомут фурды былмæ!» Бацыдысты Нарты фæсивæд фурды былмæ. Уым-иу хъомы рæгъауæй раластой æнæхост уæныджы; фæсивæдæй-иу ын исчи йæ сыкъатыл ныххæцыдаид æмæ-иу æй фехстаид фурды сæрты, иннæ фарсмæ нæ кæмæн бахауа, зæгъгæ. Уыцы æвзæрст фæкодтой сæхи, фæлæ дзы иуы бон дæр нæ баци уæныг фурды фаллаг фарсмæ фехсын.

Уæд Сослан, рæгъауы стырдæр уæныг нал уыди, ахæмы сыкъатыл ныххæцыд æмæ йæ фехста фурды сæрты — уæныг фурды иннæ фарс сæмбæлд. Басаста Хъазæн фæзы Нарты фæсивæды Сослан. Уæлдай скуыхтыл банымадта йæхи Нарты фæсивæды ‘хсæн; адæм дæр æй æмбисондæн хастой, Сосланæй тыхджындæр лæг никуы уыдзæни, зæгъгæ.

«Нарты бæсты мæ тых кæимæ авзарон, ахæм дзы нал ис», загъта Сослан йæхицæн, Хъазæн фæзæй сæ хæдзармæ куы ‘рцыдис, уæд, «баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл». Барæвдз кодта алцы ‘ппæтæй дæр йæхи Сослан æмæ иу райсом раджы араст ис тыхагур. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ. Цæй бæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ фæстагмæ иу стыр фурды былмæ бафтыд. «А фурды былтыл саразон мæхи», дзуры йæхи нымæры Сослан, «кæд æмæ искæуыл сæмбæлин». Араст ис фурды былтыл, дæлæмæ. Цæуы. Иу бон кæсы, æмæ доны былты иу кæсагахсæг æрбацæуы, йе ‘нгуыры хъæд — æнæхъæн бæлас, йе ‘нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты — ‘нæхъæн фысы мард ауыгъд. Амбæлдысты кæрæдзийыл.

— Байрай!— дзуры Сослан кæсагахсæгмæ.
— Æгас цу, уазæг!— дзуапп ын радта кæсагахсæг.— Кæцæй фæдæ?
— Æз агурын мæхицæй тыхджындæры,— загъта Сослан,— æмæ, куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн.
— Æз ницы,— загъта кæсагахсæг,— фæлæ ам дæлæмæ ацу дон-дон; уым, дæлдæр, мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр.
Араст та ис Сослан дон-дон дарддæр. Ныххæццæ та ис иу кæсагахсæгмæ. Уымæн йе ‘нгуыры хъæд — ноджы стырдæр бæласæй, йе ‘нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты хъуджы мард ауыгъд.
— Байрйай, кæсагахсæг!— дзуры йæм Сослан.
— Æгас цу, уазæг!— дзуапп ын радта кæсагахсæг.— Кæдæм уайыс?
Цы?
— Æз дæн мæхицæй тыхджындæры агурæг, æмæ, куыд уынын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн,— дзуапп ын радта Сослан.
— Æз ницы фæлæ дæлæ дæлдæр ныууай, æмæ уым мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр. Дарддæр та ацыди Сослан æмæ ныххæццæ ис æртыккаг кæсагахсæгмæ. Уымæн йе ‘нгуыры хъæд — ноджыдæр стырдæр бæласæй, йе ‘нгуыры къæдзыл та — æнæхъæн галы
мард.
— Байрай!— дзуры та Сослан уымæ дæр.
— Æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ, хорз лæг?— фæрсы йæ кæсагахсæг.
— Тыхагур дæн æмæ мæхицæй тыхджындæры агурын,— загъта Сослан.— Куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал фембæлдзынæн.
— Ацу уал нæхимæ, стæй изæры фендзыстæм,— загъта кæсагахсæг
æмæ йын бацамыдта фæндаг сæ хæдзармæ. Сослан дон-дон ацыди æмæ хæдзармæ ныццыди. Хæдзармæ бацыди, æмæ дзы иу ус бады.
— Дæ бон хорз уа, мæ мады хай!— дзуры Сослан усмæ.
— «Мæ мады хай», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис, уæд дæ мæ дæндæгты згæтæ бæргæ айсæрстаин,— загъта ус,— фæлæ ныр мæ уазæг дæ, æмæ æгас фæхæт! Кæцæй цæуыс æмæ цы агурыс?
— Æз цæуын Нарты бæстæй,— загъта Сослан,— рацыдтæн тыхагур. Нæ бæсты мæнæй тыхджындæр нæ разынд, æмæ уый зæрдæйæ рацыдтæн мæ тых бавзарынмæ.
— Гъе-гъи! кой дæр æй мауал скæн; мæ фырттæ кæсаг ахсынмæ сты, изæры сæ ардæм хъæуы, æмæ дæ куыддæр ам æрбаййафой, афтæ дæ, Нæртон лæг, стæгдар дæр нал баззайдзæн: ахæрдзысты дæ. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй дын исты мадзал скæндзынæн, цæмæй
дæ мæ фырттæй баиргъæвон, уымæн. Фынг ын ацарæзта, фæлæ ма цанæбæрæг бахордтаид Сослан!
Хæрды фæстæ йæ ус сасиры бын амбæхста. Сослан сасирыл схæц-схæц фæкодта, фæлæ йæ фезмæлын кæнын дæр нæ бафæрæзта. Изæры æртæ ‘фсымæры ‘рцыдысты сæ хæдзармæ æмæ сæ мадмæ дзурынц:
— Абон ардæм иу хæххон цъиу куы рарвыстам, æрдавма нын æй, æмæ дзы нæ дæндæгтæ асхъауæм, рагæй нал фæхъæстæ стæм адæймаджы фыдæй.
— Мæнæ уал исты ахæрут, уый дæр уын никуыдæм аирвæздзæн: сæумæ аходæнæн уын æй уæртæ сасиры бын æркодтон. Æхсæвæр сын ахæрын кодта æмæ сæ схуыссын кодта. Лæппутæ куы
афынæй сты, уæд мад сасиры бынæй Сосланы систа æмæ йæ дуармæ рахаста, фæндагыл æй бафтыдта æмæ йын загъта:
— Цу, æмæ ма кæд дæ къæхты фæрцы аирвæзай, кæннод дын фервæзæн
нал ис. Æхсæв-бонмæ уайын байдыдта Сослан. Лæппутæ куы райхъал сты, уæд базыдтой, сæ уазæг кæй алыгъд, уый, æмæ йæ фæсте сурын байдыдтой.
Сослан лидзы, уæдæ цы! Иу ран быдыры ауыдта иу бæлццоны. Фæстæмæ фæкасти, æмæ йæ ‘ртæ уæйыджы ’рбасурынц. Сослан тынгдæр уайын байдыдта æмæ бæлццоны баййæфта. Кæсы, æмæ бæлццонæн йæ иу цонг хауд; хæстæгдæр æм бацыд, æмæ йæ цæстытæй дæр иу йæ уæлæ нæй. Уый
уыди уæйыг.
— У-у, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр,— дзуры Сослан уæйыгмæ,— куыддæр мæ ‘рбаййафой, афтæ сæфын!
— Хуыцауы уазæг у, мæнæн дæр дын мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн,— загъта уæйыг. Сосланы йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ дæлæвзаг бамбæхста.

Уалынджы æрбахæццæ сты æртæ ‘фсымæры дæр æмæ иудзонгон уæйыгмæ
дзурынц:
— Ам нæ хæххон цъиу цы фæци, нæ йæ федтай?
— Ам хæххон цъиу нæй,— дзуапп сын радта иудзонгон уæйыг,— сымахмæ мæ не ‘вдæлы, ауадзут мæ мæ фæндагыл.
— Тагъд нын радт нæ хæххон дзиглойы, на ‘мæ дæу дæр дзæбæхæй нал ауадздзыстæм!— бауырдыг æм сты æртæ ‘фсымæры.
— Уæ фæндагыл цæут, æндæра мæнæй фос нæ фæкæндзыстут!— дзуры та сæм иудзонгон уæйыг.
Æртæ ‘фсымæры иудзонгон уæйыгыл сæхи ныццавтой.
— Уæдæ уæ тæригъæд уæхи!— загъта иудзонгон уæйыг,— æртæ ‘фсымæрмæ фæлæбурдта, рацахста сæ æмæ сæ равæрдта йæ быны.

Сосланы йæ дæлæвзагæй раппæрста’мæ йæм дзуры:
— Мæнæ мæ агъды фарсыл иу æрду ис, гъе уый мын ратон, æмæ сæ
уымæй ныббæттон. Сослан ныххæцыди æрдуйыл, райваз-райваз æй кæны, æмæ йын нæ
комы ратонын. Йæ астæуыл æй æртæ тыхты ‘рбакодта бæндæнау, ахæстытæ йыл кодта ‘мæ йын ницы бакодта уæддæр атонынæн.
— Кардæй йæ алыт кæн!— дзуры йæм уæйыг.
Сослан иу къухæй æрдуйыл хæцы, иннæмæй цирхъыл æмæ йæ афтæмæй æрриуыгъта: цирхъы ком йæ цæгаты хуызæн фæци, фæлæ æрдуйы нæ алыг кодта. Уæд иудзонгон уæйыг æртæ ‘фсымæры æрæууæрста ‘мæ сыл æрæнцой кодта йæ уæрагæй, йæхæдæг йæ къухæй авнæлдта фæстæмæ, æрду
ратыдта ‘мæ сæ уымæй æрбаста. Æртæ ‘фсымæры змæлгæ дæр нал скодтой. Сæ бон базыдтой æмæ лæгъстæ кæнын байдыдтой:
— Суадз нæ, нæ хæдзармæ нæ ауадз, ницыуал дæ бацагурдзыстæм. Райхæлдта сын уæд сæ баст æмæ сæ ауагъта сæ хæд зармæ. Сослан æмæ иудзонгон уæйыг араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц, æмæ иудзонгон уæйыг фæрсы Сосланы:
— Кæм хаттæ æмæ цы агуырдтай балцы уыцы иунæгæй?
— Æз дæн Нарты Сослан. Тыхагур рацыдтæн нæ бæстæй. Иу бон Нарты фæсивæд æвзæрстой фурды был сæ тых — фурды сæрты уæныг фехсыныл фæлвæрдтам, æмæ ‘рмæст мæнæн бантыст уæныг фурдæн йæ иу былæй йе ‘ннæмæ фехсын. фервæссыдтæн уый адыл æз мæхиуыл æмæ рараст дæннæ хæдзарæй мæ тых æвзарынмæ; цы раны бафтыдтæн, уый та федтай дæхæдæг. Арфæйаг у, дæу руаджы ма раирвæзтæн, æндæра Нарты хъæуы нал æрлæууыдаин мæ къахæй.
— Сослан, мах бæстæйы, мæй кæуыл рацæуы, уыцы сабитæ дæр æхсынц фурды сæрты цы фæнды стыр галты, фæлæ уæддæр афтæ ныфсхаст не стæм,— загъта иудзонгон уæйыг.— Мæхицæй дын æрхæсдзынæн æмбисонд. Мах уыдыстæм авд æфсымæры; æфсымæртæн æз — сæ кæстæр, нæ
фыд дæр ма уыд саджы хуызæн. Иуахæмы стæры ацыдыстæм. Фæхаттыстæм иукъорд боны, фæлæ ницæуыл амбæлдыстæм. Иу бон ныл фæссихор мигъ æрбадт, æмæ райдыдта сæлфынæг кæнын. Мах астæй æд бæхтæ агурæм бынат. Кæсæм, æмæ иу ран — лæгæт. Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы
æруагътам. Чысыл фæстæдæр кæсæм, æмæ иу фийау йæ фосы къорд æрбатæры лæгæты рæзты; фыдæбойнаг фæуæд, нæл сæгъ махырдæм фездæхт æмæ нæ лæгæтыл хафын байдыдта йæхи. Лæгæт æнцад нал кодта: авдæнау дыууæрдæм сси. Бæхы сæры стæг разынд нæ лæгæт. фийау «дзæгъæс!»
«дзæгъæс!» кæны сæгъæн, фæлæ, бæгуы, читт дæр нæ кæны сæгъ, хафы йæхи. Уæд фийау смæсты ис, уыцы иу скъæрд æрбакодта йæхи махырдæм. Сæгъ лидзæг фæци, фæлæ фийау йæ лæдзæг цæсты хуынчъы асагъта, сæры кæхц фелвæста æмæ йæ фехста. Сæры кæхц фæтахти æмæ фыдæбойнаг
сæгъы сыкъатыл ныппырх ис. Бæхæй, лæгæй фæхæлиу стæм, уæдæ цы уыдаид! Фийау махмæ фæци. Фæмард ис мæ фыд, мард фесты ме ‘хсæз æфсымæры, мæнæн ма æрмæст атыдта мæ къабаз æмæ мæ ууыл ‘ныууагъта. Мæ цæст та схаудта лæдзæджы бырынкъæй, сæры кахцы йæ куы ацавта,
уæд. Уый та дын мах хъуыддæгтæ. Уæдæй ардæм никуыуал ахаттæн æз тыхагур, стæй мæ чи уарзы æмæ кæй уарзын, уыдонæн дæр фæдзæхстон æмæ фæдзæхсын, цæмæй тыхагур ма цæуой. Ацу, мæ хур, ды дæр æмæ-иу афтæ макуыуал зæгъ, мæхицæй тыхджындæр никуы уыдзæни, зæгъгæ.
Иудзонгон сæ хъæумæ ссыди, Нарты Сослан дæр афардæг ис дарддæр йæ фæндагыл сæхимæ.

Выпуски
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
22.07.2019 19:35
Нарты кадджытæ
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
27.05.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
Хæмыц ус куыд ракуырдта
19.03.2019 21:15
Нарты кадджытæ
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Сырдоны райгуырд
25.02.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сырдоны райгуырд
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
18.02.2019 20:00
Нарты кадджытæ
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
Арвычызг
4.02.2019 20:25
Нарты кадджытæ
Арвычызг
Благоустройство своего города. ЦУР
Темы
Рекомендуем
В итоге: 17 марта
17.03.2024
Руслан Тагиев
17.03.2024
Виктор Бабочиев
17.03.2024
Избыточный вес
17.03.2024
Гепатит
17.03.2024
Алика Стеблянская и Георгий Цховребов
15.03.2024
Æлхуйнæ. 1993 анз
15.03.2024
Уататы Бибойы райгуырæн бон, Комбæттæн æмæ скъолайы хæринаггæнæджы æрхъуыды
15.03.2024
Чемпион России по футболу Бахва Тедеев
14.03.2024
МИРоощущение: 14 марта
14.03.2024
Защита прав потребителей, иностранные участники ВФМ и творчество Бориса Галати
14.03.2024
Директор академии футбола Роберт Битаров
13.03.2024
Альбина Плаева
13.03.2024
Выборы 2024. Дебаты. 13 марта
13.03.2024
Химилонты Раисӕ
12.03.2024
Все рекомендуемое