Хуыцауы лæвæрд æрдзон курдиатæй хайджын чи фæци, йæ рæсугъд хъæлæс зæрдæмæ арф кæмæн хъары, ирон театры сценæйыл Баллаты Валодяйы чи раивта æмæ ныр театрдзаутæ «ирон булæмæргъ» кæй хонынц, уый у Суанты Семены фырт Хъазыбег. 50 азæй фылдæр кусы Хъазыбег ирон театры, сценæйыл цы сурæттæ сарæзта, уыдоны нымæц та у сæдæйы бæрц.
Абон уын уæ размæ хæссæм нæ аивады æвæрæнтæй рæсугъд зарæг, зарынц Суанты Хъазыбег æмæ Ким.