✅ 19-æм æнусы кæрон Олег Кошевой æмæ Марковы уынгты, стæй фæрсуынг Партизанский æмæ Интернациональныйы уынджы `хсæн æнгомæй цæрын райдыдтой чырыстон диныл хæст чызджытæ.
🗣 Æрæмбырд сæ кодта идæдз сылгоймаг Евдокия Лозенко. Зылдис Уæрæсейы моладзандонтыл, æмæ йын Хуыцауыл æууæндæг лæг загъта, йæхæдæг дзы моладзандонæн бындур кæй æрæвæрдзæн, уый тыххæй. Цыбыр рæстæгмæ уыцы бынат Дзæуджыхъæуы хæзнатæй иу сси.
















