122 азы размæ, октябры кæрон Уæрæсейы официалон æгъдауæй фыццаг хатт ахъазыдысты футболæй. Уый уыди 24-æм октябры 1879-æм азы Санкт-Петербурджы. Бынæттон кадетон корпусы хихъæппæрисадон командæйы уæнгтæ фембæлдысты Английы футболуарзджыты клубимæ. Æмæ сын уæрæсейæгтæ фæхæрд сты 0:6 хыгъдæй. Фæлæ уæддæр Петербурджы газеттæ фыстой: «Махуæттæ хъаруджындæр разындысты англисæгтæй. Иу чысыл ма бакусын хъæуы, æмæ уæрæсейæгтæ пырх кæндзысты англисæгты». Англисæгты нын ныппырх кæнын нæма бантыст, фæлæ уæдæй абонмæ уыцы спорты хуыз сси уарзондæртæй иу. Стырæй-чысылæй, горæтагæй-хъæуккагæй – иуылдæр хъазынц футболæй æмæ кæсынц футболмæ. Ирыстоны футболуарзджытæм та ныфс фæзынди, командæ «Алани»-йæн йæ бон стыр уæлахизтæм схизын кæй бауыдзæн, уымæй.
Фæлæ а изæр мах футболон клубыл нæ дзурдзыстæм. Æрныхас кæндзыстæм районты æмæ хъæуты сывæллæтты футбол куыд рæзы, стæй цы къуылымпыдзинæдтæ æййафы, ууыл? Куыд кусынц бынæттон командæтæ, ууыл комкоммæ дзурæм нæ программæйы «Комæй-коммæ».