Ирон æвзаджы тетрæдтыл Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау Вадим Зарицкий йæ мыггаг фæфыссы иронау — Зарицкиты Вадим. Йæ ахуыргæнæг æй бараст кæны, афтæ фыссын не ‘мбæлы, зæгъгæ. Фæлæ йæ мыггагæй сæрыстыр уæвгæйæ, Вадим йæхи нымайы ирон адæймагыл. Райгуырд Ирыстоны, йæ фыццаг ныхæстæ скодта дыгуронау æмæ йыл йæ зæрдæ нал ивы. Республикон конкурс «Ирон дæн æз»-ы чи фæуæлахиз, уый ныр та сси нæ программæйы хъайтар.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Не 'взаг - сæ хæзна
- Выпуск от 28.06.2021
Тамара Кармова
28.06.2021 20:55
Не 'взаг - сæ хæзна
Выпуск от 28.06.2021
Программæ «Не‘взаг- сæ хæзна»-йы радон равдысты мах фембæлдзыстæм æмæ иронау дзурдзыстæм черкесаг адæмы минæвар, Къозаты чындз Тамара Кармоваимæ.
Кæрцæн, дам, йе мпъузæн – йæхицæй, фæзæгъынц. Фæлæ кæй уæрдоныл бадыс, уый зарæг куы кæнай, уæд нæ фæрæдийдзынæ.
Тамарæ Кармова уый раджы бамбæрста. Не‘взаг æмæ не ‘гъдæутты руаджы фæндаг ссардта ирон адæмы зæрдæтæм.
Другие выпуски
