Дианæйæн бузныг йæ цымыдисаг æрмæджы тыххæй. Лентытæ куыд фæзындысты, уый базыдтам. Фæстæдæр та уын радзурдзыстæм ордентæ дæттын куыд райдыдтой, стæй сæ куыд кодтой, уый тыххæй.
Фæлæ уал ныр æндæр хъуыддæгтыл æрныхас кæнæм. Адæймаг цыфæнды зын уавæртæм дæр кæй сахуыр вæййы, ууыл. Раст ма хæсты уавæрты цæрыныл æмæ тох кæныныл дæр. Фæлæ цымæ сфæлдыстадон адæймагæн уыцы хъуыддаг цас зын вæййы?
Уыцы фарстæн нын дзуапп раттын, чи зоны æмæ, баххуыс кæной нæ уазджытæ: Уæрæсейы сгуыхт артист Тлаттаты Бесколтан æмæ нæ республикæйы аивæдты сгуыхт кусæг Бекъойты Розæ. Æмæ аныхас кæндзыстæм ирон театры кусджытæй хæстмæ чи ацыд, уыдоныл.